Нæмыгдзæф бонтæ - страница 7

Шрифт
Интервал


Фыдызæххæй истай тыхтæ.
Дæ фæндиаг Ирæн йæ фидæн,
Нæ кæстæртæй райæт Дæ уд.
Нæ уæзæг цы нæ уал уа хицæн,
Ирыстоны фидæны цинæй
Ныккæсæт Дæ зæрдæмæ рухс!
Нымайæд нæ мин хатты минтæй,
Дæ дзыллæйы хорздзинад хъус!
2000

Къусраты Анатолийæн

Куыд дæм бадзурон? Ме ́фсымæр, мæ хæлар?
Нымад гоймаг, егъау ахуыргонд, ныфс!
Ды федтай, – знаг сыгъта нæ Ир – нæ хæдзар…
Сыгъд хъæуты нымæц иу сæдæйæ хыст.
Чысыл рæстæгмæ дард ранæй æрцыдтæ
Фæцин кодта уæ фембæлдыл дæ мад.
Раст йеуæд ныл æрхъула сты лæгсырдтæ,
Фæкодтой уын уæ цины дæр æнад.
Хъуыды кæныс, куыд сызнæт ис нæ горæт?
Куыд ныл æзгъæлста знаджы къух æзды…
Æгас дунейыл айхъуыстис нæ кой уæд,
Дис кодтой, – ис ма скифты знæм æрдзы.
Дæу ́рцагуырдтой бæрнон адæм дæ куыстæй.
Æвæстиад дæу ацæуын хъуыдис.
Мæстæлгъæдæй дæ уды рыстмæ хъуыстай, —
Балсæджы цалх дæ адæмыл тылдис…
Æмкусджытæн нæ тухитыл фæдзырдтай,
Уырныдтой сæ дæ ныхæстæ зынтæй:
«Куыд ис гæнæн? Хуыцауы сконд кæй хуыдтой,
Цæгъда æназым адæмы зæфцæй?»
Фæдис хъæр кодтай, дун-дунемæ сидтæ,
Уæзгæ ныхас нæ адæмыл зæгъой.
Гъе, райхалой фыдгæнæгæн йæ хинтæ
Æмæ ахъаз нæ адæмæн фæуой.
Зæгъын хъæуы, – нæ тагъд кодтой æххуысмæ…
Хуыцауæн бузныг! Фидар у нæ мон…
Æвзонг фæлтæрæн бабын ис йæ хуыздæр…
Цæрдзæн æнусты уыдонæн сæ ном!
Æгъдау куы уа нæ архайды, нæ миты,
Æххæст куы кæна алчи дæр йæ хæс,
Уæд хурх кæндзæн нæ бафхæрæг йæ хинты,
Цæрдхъом æрттивдзæн Ирæн уæд йæ цæст!
2000

Джон Эндрюйæн

Мæ хæлар Джон, цы Хуыцау дæ æрхаста
Нæ уæзæгмæ тымыгъы фæстæ, цы?
Дæ хъысмæт дæу нæ адæмимæ сбаста,
Кæныс ын ды хъæбулы лæггад, цыт.
Æхцон дæ удæн не ́гъдæуттæ, нæ бæстæ.
Нымдгæнгæ арыс рухс дзуæрттæн сæ ном.
Хæстæфхæрд Иры федтай ды дæ цæстæй,
Ныр архайыс, рæсугъддæр уа йæ сом.